Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
БАТЫРАДЗ ÆМÆ МÆЛИКК
БАТЫРАДЗ ÆМÆ МÆЛИКК
Батырадзыл фынддæс азы рацыди, афтæ Нартыл æртыхстысты Сауденджызы 'фсад. Нартæ стырæй-чысылæй катайы бацыдысты, æмæ хъуыдыкæнынц, куыд аирвæзой, уыууыл: бынаты не сты сæ зондджынтæ. Сæ сæрджынтæ балцы фæцыдысты. Сауденджызы мæликк барвыста Нартæм: – Кæнæ мын авд азы хъалон иу лæвæрд ракæнут, кæнæ мын авд фарстæн, куыд æмбæлы, ахæм дзуапп ыссарут. Кæд мæ амбулат, уæд уæ дзых – уæ тæрхон. Састы бынаты куы баззайат, уæд мын хæдзарæн авд чызджы радтут. – Нартæй авд чызджы цы хæдзары нæуа, уый та цы радта? – фæрсынц Нартæ. – Уый та, кæмæ ис, уымæй чызгæфстау райсæд. Нартæ нымайын байдыдтой, æмæ авд хæдзары чызджытæ нæ фаг кæны. Уыцы авд хæдзары уыдысты: Уырызмæг, Хæмыц, Сослан, Бурæфæрныг, Ацæ, Йеухæр æмæ Сæхуыг – Нарты хæрæфырт уыд. Уæд Нартæ зæгъынц Сауденджызы мæликкæн: – Авд хæдзары сылыстæгæй цух ысты. – Уæд сæ ног чындзыты радтæнт. Цы гæнæн ма уыди Нартæн! Æмæ цын уæд Сырдон афтæ зæгъы: – Сымах ницы 'рхъуыдыкæндзыстут, фæлæ Сатанайы бафæрсут. Нартæй æртæ лæджы фæхицæн ысты. Æмæ Сатанамæ бацæуынц, æмæ зæгъынц Сатанайæн: – Сæфты заман ныл æрцыди, Сауденджызы мæличчы 'фсад ныл æртыхст, æмæ нæ сæрæн ницы хос арæм. Алы хæдзарæй, куы фембылды уæм, уæд авд чызджы агуры. Авд чызджы кæмæ нæ уа, уымæн йæ чындзы дæр кæны. Уый дæр кæмæ нæй, ахæмтæ та чызгæфстау хъуамæ ссарой. Тыхæй уымæн ницы ракæндзыстæм. Уæдæ нæ сæрджынтæ 'мæ зондджынтæ дæр ам не сты æмæ цы бакæнæм? – Иу лæппу нæм сусæгхъомыл кæны, – загъта Сатана. – Сымах ам абадут, æз æй базонон, кæд исты сарæхсид – йе дзуаппæй, йе тыхæй... Уæд æм уый арвитдзыстæм. Сатана къæбицмæ бацыди, æмæ чысыл Батырадзы къусдоны хъазгæ федта. Авд къусы кæрæдзийы фæстæ 'ппары, æмæ цæ ахсы кæрæдзийы фæстæ. – Къустæй хъазын дыл нал æмбæлы, – дзуры йæм Сатана. – Уæдæ мыл ус курын дæр нæма 'мбæлы. – Хъус-ма, лæппу. – Æнаипп дæндаг куы рисса, уæд ын цы хъæуы? – Уæд кæй аххосæй риссы, уый сæфтауын хъæуы. – Кæд йе сласын хуыздæр у? – Нæ, нæу. Кæд фæхъæн ис уый дæр, уæд æй сæппар. Кæннод уый хæрамдæндагыл нымад нæу. Сатана ахъуыдыкодта, æмæ раздæхти Нарты лæгтæм. Батырадзы ныхас йæ зæрдæмæ фæцыди. – Акæнут лæппуйы, сбæздзæни. Уыдон дæр ысцинкодтой, æмæ ракодтой Батырадзы Ныхасмæ. Нартæ йын сæ фæндон загътой. Æмæ цæ Батырадз æрдомдта теуа, цъæх сæгъ, бæх, хæрæг, гæды, уасæг æмæ куыдз. Нартæ йын цæ радтой, æмæ рацыди Батырадз иунæгæй. Мæликк Батырадзмæ кæсы æмæ дисы бафтыд: "Ай циу, Нартæ мæм кæй рарвыстой?" Батырадз æрбацыди, æмæ йæм дзуры фидыды алдзæн: – Æз Нартæй æрвыст дæн – мæнæ адонимæ, – æмæ йæ фосмæ бацамыдта. – Дæ хъуымыз дæ донгæмттæй куы 'нхъæвзы, уæд дзы дæуæй бæрзонддæр ничи уыди? Уæд æм Батырадз теуа баласта мæликмæ. – Мæнæ ай у бæрзонддæр, æмæ йæ кæд дæ сæрмæ хæссыс, уæд дзур йемæ. – Гъе, лæппу, ды æгæр хъæркæныс, æмæ дын дæ дзоныгъ ракæндзынæн. – Хъæрмæ мæ уасæгæй тынгдæр ничи у. Æмæ йæ дæхицæн акæн, бафидаудзыстут иумæ. Æмæ йæм уасæджы баппæрста. – Æвзонг лæппу дæ, æгæр æвзонг, æмæ дæ карæнæн хистæрты цур æгæр уасын не мбæлы. – Мæнæ мæ гæдыйæ уасагдæр нæй, æмæ мыст дæр уымæн н' ахсы. Раст дæу аггаг у, æмæ йæ акæн. Уæд Мæликк рафыхти, æмæ бæстæ хæссы йæ хъæрæй: – Уайгæ уæхимæ! Æмæ къусбæрттæ кæн уæ фæнычы! Дæумæ мæ не вдæлы! – Кæд афтæ уайаг дæ, уæд мæнæ мæ бæхимæ бафæлвар. Æз уæм бакæсон! Сауденджызы мæликк ноджы тынгдæр рамæсты. – Рæйынмæ стыр дæсны чи у, ахæм дæ. – Мæнæ мæ куыдз – де мбал, рæйгæ уæ дыууæйæ фылдæр ничи кæны. – Ды къулбадæг цыдæр дæ! Зондæн сæр хъæуы. Цы дæм дзурон! – Дæ сæрау ыстыр сæр мæнæ мæ хæрæгæн дæр ис. – Гъе, æнаггаг цыдæр, мæ боцъотæй уæддæр фефсæрмы кæн. – Ахæм боцъотæ мæнæ мæ цъæх сæгъыл дæр ис. – Уома æз дæр сæгъ дæн? – Сæгъæй фыддæр! Æндæр дæ мæлæт Нартыбæстæм не рхастаис. Уæд мæликк йæхи нал бауырæдта 'мæ фæхъæркодта йе фсадыл. Сауденджызы 'фсæдтæ сæхи Нартыл ныццавтой. Батырадз цæ иугай ахста 'мæ цæ фæйнæрдæм зыввыттытæ систа. Чи хохыл æмбæлди, чи – къæйдзарыл, чи – цъыфдзасты. Чи куыройынучы ныффидар и. Бонизæрмæ фæхæцыд Батырадз. Изæры, сæ хæст куы ныууагътой, уæд Батырадз Сатанамæ бацыди 'мæ йæм дзуры: – Куыд дæм кæсы, исты сарæхстæн? – Куыннæ сарæхстæ! Нартæ уыйбæрц бæласæй дæр нæ ракæндзысты, ды цас фæцагътай мæличчы 'фсæдтæй. – Уæдæ мын мæ фæллад ысуадзыны размæ исты хæрд æмæ нозт фен. Сатана йæ къæбицмæ бауади 'мæ йын рахаста хæрддæр æмæ нозтдæр. Галы 'рмттæ æд æгъдтæ амыртмырткодта Батырадз. Авд галы агъды аныхъуырдта, авд гарзы карз ронг анцъыхта, æмæ иуахæм та – къуымæл. Стæй зæгъы: – Æппын мæ къухы ц' айсон, ахæм дæм ницы ис? Уæд та мын æхсæрсæттæн хъил авæр. – Нæ фыдæлты нæмæн дзæггор уартæ къуымы рыджы бын фæци, æмæ уый рахæсс. Батырадз къуымæй сæ рагон фыдæлты дзæггор райста, расæррæтласта 'мæ цæ талынджы срæуæгкодта мæличчы 'фсæдты. Мæличчы 'фсæдтæ фæкъордтæ сты. Чи кæй цавта, уый бæрæг дæр нал уыди. Батырадз цæ æддæгмидæг ауайынкодта, æмæ Мæличчы 'фсæдтæ кæрæдзийы сухтыцагъд ныккодтой. Мæликк ма цалдæр æфсæддонимæ талынджы кæуылдæрты фæлыгъды йæ бæстæм. Райсомы Нартæ акастысты, æмæ федтой – сæ уынгты туджы малтæ ныббадти, азмæлæн дæр дзы нал уыди. Мæрдтæ рæдзæгъдтæ 'мæ цæндтæй зындысты. Фæцинкодтой уæд Батырадзыл Нартæ 'мæ йын арфæтæ кодтой. – Хæлар дын уæд, Батырадз, мæ лæггад, – загъта Сатана, – æгайтма худинаг не руагътай Нартæм. Батырадз дæр куыннæ ныббуц уыдаид йæхицæй! | |
Просмотров: 364 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |