Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
БАТЫРАДЗ ÆМÆ ХУРЫЧЫЗГ
БАТЫРАДЗ ÆМÆ ХУРЫЧЫЗГ
Батырадзæн тыхгæнæг тых нæ ардта, æмæ Батырадз дæр уымæн хуынди. Æмæ иу бон куы уыди, уæд ысфæндкодта дард балцы фæцæуын, æмæ йæ хъару бавзарын. Райста йемæ иу рæхыс Батырадз. Стæй, Нарты рæгъауы хуыздæр чи уыд, ахæм бæх равзæрста. Сбадти йыл, æмæ афардæг йæ дард балцы. Цæуы Батырадз. Йæ фæндаг Гуымиртыл ыскодта, æмæ цæ баййæфта тымбылæйбадгæ сæ Ныхасы. Арфæ цын ракодта 'мæ уыдон дæр загътой: – Уо, фæрнæй цæрай, Хæмыцы фырт Батырадз! Кæдæм фæндараст? – Æвзарын мæ тых, æмæ уал сымахыл ракодтон мæ фæндаг. Зивæг ма фæкæнут, æмæ фондзыссæдзæй иуырдыгæй æрлæуут, æз та иннæрдыгæй æрлæудзынæн. Райстой рæхыс æмæ Гуымирты тыхджынтæ фондзыссæдзæй йæ иу кæрон æрлæууыдысты, Батырадз – иннæрдыгæй. Батырадз йæ иу къухæй рæхысыкæроныл рахæцыд, фондзыссæдз гуымиры та иннæрдыгæй ахæцыдысты. Батырадз цæ иу къухæй æрбаласта, йæ бынатæй ызмæлгæ дæр нæ фæкодта, афтæмæй. Рæхыс ныззылдта йæ сæрмæ, æмæ фондзыссæдз гуымиры уæлдæфы куыройдзалхау ныззылдысты. Байдыдта цæ зилын, сæ сæртæ разылдысты, мæгуыртæг, æмæ иугай зæхмæ хауын байдыдтой. Зæххыл-иу чи сæмбæлди, уый-иу расыглæгау рахаубахаугæнгæ фæцæйцыд. – Уаих фæуат, Гуымиртæ! Æнæ исты баназгæ цæй расыг фестут! – Дæ бонæй уай, Хæмыцы фырт Батырадз! Дæ иу къухæй нæ фондзыссæдзæй куы ныззылдтай! Хæрзбон загъта Батырадз Гуымиртæн, æмæ та араст и.Фæцыди бирæ æмæ фæстагмæ бахæццæ ис мæликтæм. Уыдон дæр сæ Ныхасы тымбылæй бадынц. – Фарн уæ ныхасы, мæликтæ! – Уо, фæрнæйдзаг уай, Хæмыцы фырт Батырадз! Кæцæй фæдæ? Кæдæм цæуыс? – Мæ тых æвзарын. Гуымиртимæ сфæлвæрдтон, æмæ цæм фондзыссæдзæй мæ кæстæр æнгуылдзы тых нæ разынди. Ныр сымахыл ракодтон мæ фæндаг. Рæхысыкæроныл ныхæцут фондзыссæдзæй, æз та иунæгæй – йæ иннæ кæроныл. Мæликтæ рæхысæн фондзыссæдзæй йæ иу кæроныл ныххæцыдысты, Батырадз та – йæ иннæ кæроныл. Рахæцыди цыл, æмæ цæ 'рбаласта йæ иу къухæй, æмæ цæ ныззылдта уæлдæфы. Мæликтæн сæ сæртæ разылдысты 'мæ цæфкæрчыты хуызæн цудтытæгæнгæ хаудысты зæхмæ. – Бындар фæуат, мæликтæ, кæд уæлдæфы нуазгæ нæ кодтат! Иу уæ йæ къахыл куынæуал лæууы! – Дæ бонæй уай, Хæмыцы фырт Батырадз! Махæй искæмæ дæ тых к' уаид, уæд нæ цъилау нæ зилис уæлдæфы! Фæлæ кæд дæ тых æвзарыс, уæд – Йеугуыппыртимæ. Æмæ араст и Батырадз Йеугуыппыртæм. Æмæ цæуы. Иннæ бон Йеугуыппырты дæр изæрырдæм баййæфта сæ Ныхасы. – Фарн уæ ныхасы, Йеугуыппыртæ! – Уо, фæрнæй фæцæрай, Хæмыцы фырт Батырадз! Цы дæ 'рхаста а бæстæм? – Гуымиртæ 'мæ мæликтæм уыддæн. Фæнды мæ мæ тых базонын. Гъемæ ма фæзивæгкæнут, фæлæ-ма мæнæ рæхысы иу кæроныл фондзыссæдзæй ахæцут. Йеугуыппыртæ фондзыссæдзæй рæхысы иу кæроныл ахæцыдысты. Батырадз та иннæ кæроныл – иунæгæй. Батырадз цæ 'рбалхъывта йæхимæ, стæй цæ ныззылдта уæлдæфы. Йеугуыппырты сæртæ зилын байдыдтой, æмæ рæхысæй иугæйттæй тахтысты, зæхыл æмбæлдысты æмæ, мæнæ калмы сæр куы рацæвай, æмæ уый хъеллæуттæгæнгæ куыд фæцæйбыра, афтæ цыдысты. Батырадз цæм дзуры: – Цавæр расыг фестут цæугæ-цæуын. Иу уæ уæддæр рæстмæ ацæуæд! – Дæ бонæй уай, Хæмыцы фырт Батырадз! Мах дæуæн иу фуйы фаг дæр не стæм. Фæлæ кæд фæлварыс дæ тых, уæд – уæларв зæдтæ 'мæ дауджытимæ. Батырадз цын хæрзбон загъта 'мæ та араст и дарддæр. Æмæ хъуыдыкæны: "Уæдæ уæларвмæ куыд фæцæуон?" Æрбадти иу дуры сæрыл, цады был æмæ хъуыдыты ацыд. Стæй уæлхъæдæй афынæй и, æмæ райсом хуры 'рбакастмæ нал райхъал. Хурычызг æрвылрайсом фыдздзаг хурыскасты зæххон цадмæ йæхи найынмæ цыди. Хуры фыдздзаг тынтæ зæххыл куы сæмбæлдысты, уæд Хурычызг зæххон цадмæ хурытынтыл рахызти. Йæ дарæс раласта 'мæ йæхи найыныл фæци. Æмæ Батырадзмæ бадзырдæуыд йæ фыны. – Фынæй мауал кæн, Батырадз! Сыст уæлæмæ. Дæ разы ис, уæларвмæ дын фæндаг чи бацамона, уый. Æмæ йæ мауал ауадз. Батырадз фесхъиудта, йæ цæстытæ аууæрста 'мæ фестади. Кæсы, æмæ Хурычызг цады йæхи найы. Æмæ дзуры Батырадз йæхинымæр: "Уо, Хуыцау! Мæнæ дунейыл ыскæнæн кæмæн нæй, ахæм сылгоймаг! Æмæ кæцæй æрцыди? Æмæ йæ цы 'рхаста ардæм? Науæд нырмæ кæм уыди? Йе кæм царди? Ныххауди йæ зæрдæйы Хурычызг Батырадзæн. Дисы йæ бафтыдтой Батырадзы чызгæн йæ тымбыл уæрджытæ, йæ къутувæрд синтæ, йæ нарæг астæу. Йæ къуыбыр риутæ размæ хæцыдысты къуымадзафæздæттау. Уæд йæ урс дæллагхъуыртæ, йæ худæн былтæ, йæ тымбыл цæсгом, йæ сырх уадултæ! Рæтæнагъды стæвдæн – йæ сау дзыггутæ, йæ цæнгтæ – хъæзуасæнты хуызæн, йе нгуылдзтæ – нымайæнкъæбæлтæ, йæ буар та – кæсаджы буар. Ахæм хæрзаив æмæ рæсугъд уæнгтыконд фыдздзаг хатт федта Батырадз. Батырадз чызгæн йæ зæлдар сæрбæттæн систа. Стæй фæсвæд абадти. Чызг йæхи над фæци, Хур дæр къахырæй йæ был ныддардта. Кæны йæ уæлæдарæс чызг, фæлæ нал ары йæ зæлдаг сæрбæттæн. Дзуры: – Чи мын ахаста мæ зæлдаг сæрбæттæн? – скатай и чызг. – Радтæд мын æй. Цы мын зæгъа, уый бакæндзынæн. Иу дзы мой ыскæнын мæ бон нæу, уыййæддæмæ. Уæд æм Батырадз æргом рацыди, æмæ йæ афарста: – Чи дæ? Дæхи мын бацамон. – Æз Хурычызг дæн. Фæлæ дæхæдæг та чи дæ? – Æз та Нартæй дæн. – Хæмыцы фырт Батырадз дæн. – Уæдæ дын æз дæ кой хъусын. – Гъемæ мын уæд уæларвмæ фæндаг бацамон. – Уый мæ тыхы нæй. – Ды загътай, мой ыскæнынæй фæстæмæ дæ бон алцыдæр у. – Уо, фæлæ зæххон лæгæн уæларвмæ цæуыны бар нæй. – Цæуылнæ и? Уæдæ уæларвон цæрджытæн зæхмæ цæуыны бар цæмæн и? – Куы мæ базоной, уæд мæ бафхæрдзысты. – Æз дæр уыдонмæ цæуын, æфхæрæджы 'фхæрынмæ! – Уæдæ кæд гæнæн нал и, уæд дæ æз мæ пæлæзы бын бакæндзынæн. Ныртæккæ Хур куы 'сзына, уæд мæм йæ тын æрæппардзæн, æмæ йыл иумæ абаддзыстæм. Æмæ нæ уый уæларвмæ схæсдзæн. Æрмæст мæ истæмæй мыййаг, куы фæрса Хур, уæд-иу ды мацы зæгъ, цалынмæ нæхимæ ссæуæм, уæдмæ. Æмæ чызг йæ пæлæзы бын æркодта Батырадзы. Хур йæ тын куы æрæппæрста, æмæ йыл куы бабадтысты дыууæйæ, уæд æй афарста йæ чызджы Хур: – Абон цыма уæззаудæр дæ иннæхæттытæй?.. Исты сагъæс дæ кæд ис? – Мæ зæрдæ зæххы рæсугъддзинадимæ дзуры. Æмæ кæд уый тыххæй афтæ у? Ницыуал загъта Хур. Систа йæ тын, æмæ цæ йæ кæрты æрывæрдта. Стæй Хур фæцыди йæ балцы. Чызг æмæ Батырадз та Хуры хæдзармæ бацыдысты. Чызг Батырадзы размæ 'рхаста хæрд æмæ нуæзт, фæлæ Батырадз ницæмæ 'вналы. Стæй афтæ зæгъы æрæджиау. – Стыр æхсызгон мын уыд дæ иунæг фенд дæр. Æмæ дын кæд мæнмæ фæцæуыны фадат нæй, уæд кæрæдзийæ хо 'мæ 'фсымæр уæддæр зæгъæм. Æмæ уыцы ныхæстæй цыдæр рухс ныккаст чызджы зæрдæмæ. Батырадз ын сызгъæрин æнгуырстуан балæваркодта чызгæн, чызг та йын сызгъæрин хъама радта. Кæрæдзийæ хо 'мæ 'фсымæр загътой, адджын кæрдзын бахордтой иумæ. Стæй йæ Хурычызг афарста Батырадзы: – Зæгъ-ма, цыдæр зæгъинаг мын куы уыддæ, уæд цы уыди? – Æз нæхицæй мæ тых бавзарон зæгъгæ рацыддæн. Хæцыддæн Гуымиртимæ, Мæликтимæ, Йеугуыппыртимæ. Мæ ныхмæ чи фæлæууа, иу ахæм цæм нæ разынди. Æмæ сфæндкодтонуыйфæстæ мæ тыхтæ уæларвцæрджытимæ бавзарын. – Уый тыххæй дæ ардæм цæуын нæ хъуыди. Уæларвцæрджытæ иууылдæр Нарты куывды куы вæййынц! Уым цæ бафæлвæрдтаис. – Уазæгимæ йæ тых чи 'взары, уый уазæгхор у. – Æмæ ды ам уазæг нæ дæ? – Æз ардæм тыхкæнынмæ ссыддæн. – Уæдæ цалынмæ Хур æрцæуа, уæдмæ уый фæнд ма скæн. Хуры хæдзары уазджытæн хицæн хатæн уыд, æмæ уырдæм ацыд. Изæры Хур дæр фæзынди йæ балцæй æмæ дзуры: – Цыдæр æнахуыр тæф мыл æмбæлы... – Дунетыл ды зилыс! Махыл та дæуæй цæуы æнахуыр тæф... – Цыдæр мæ 'мбæхсыс, мæ чызг, æмæ мын æй зæгъ. – Махмæ ис... зæххон лæг. – Æмæ чи у? – Хæмыцы фырт Батырадз... Абон дæ тыныл иумæ лæууыдыстæм. – Гъе, мæ чызг! Æз æй базыдтон уайтагъддæр... Фæлæ дæм тыхныхас барæй не скодтон... Дæ мад дæр æй зоны? – Уый ам нæма ис. – Фæдзур-ма, уæдæ, Батырадзмæ. Чызг æм ауади Батырадзмæ, æмæ йæ 'рбакодта. Хур сыстади йæ къæлæтджынæй æмæ загъта: – Гъе, Хæмыцы фырт Батырадз! Ай, зæххон хур куы дæ! Цы дæ схаста уæд ардæм? – Цыдæр фыдбылыз. Рацыддæн мæ тых базонынмæ. – Æмæ дæ кæд уый базонын фæндыд, уæд ардæм цæмæн цыддæ? Зæххыл иу ызмæлæг дæр нал уыди? – Мæ ныхмæ цæ ничи лæууы. Æмæ ныр та мæ тыхтæ уæларв бафæлварон. – Уæдæ мæм хъус. Махмæцæрджытæ æртæ боны тыхæвзарæн фæкæнынц. Æмæ кæд бафæразай семæ, уæд – хорз. Кæннод-иу хъæстагæй ма фæцу Нартæм. Æмæ ралæууыдысты тыхæвзарæн бонтæ. Фыдздзаг бон уыди дымгæйæ хъазт. Зæдтæ 'мæ дауджытæ сыстадысты. Хуыцау цыл тынг ысдымдта, фæлæ цæ змæлгæ ничи фæкодта уыдонæй. Æрмæст Батырадзы цæсты цыдæр бахауди, æмæ йæ уый æрныкъуылдта. Дыггаг бон уыди хъызтæй тыхфæлварæн. Бæстæ ахæм их-уазал ыскодта, æмæ-иу лæг ныссалди, маргъ тæхын нал фæрæзта, сырдтæ-иу цæуын нал зыдтой. Ничи та фæтарсти уæларвцæрджытæй, æрмæст Батырадзы цæстыты мыгъ бакалди æмæ чысыл йæ цæст аууæрста. Хуыцау афтæ стæвдкæнынкодта бæстæ, æмæ дуртæ дон кодтой. Батырадзæн йæ хид æрлæдæрсти цæстыл æмæ иу хатт йæ цæст фæныкъуылдта. Иннæтæй æндæрхуызон дæр ничи фæци. Уыйфæстæбон æрымбырд ысты ногæй уæларвцæрджытæ. Æмæ цын Хуыцау фехъусынкодта: – Уæларвцæрджытæ! Тыхæй, уе хсæн цы зæххон гуырд и, уый къаддæр нæу, фæлæ ма йæхи Куырдалæгонмæ байсæрыдта зæгъгæ уæд ын уеппæт дæр ницыуал ракæндзыстут. Уыцы ныхæстæ Хуры чызг фехъуыста 'мæ цæ Батырадзæн рафæзмыдта. Уæдмæ Хур дæр æрбацыди. – Хæмыцы фырт Батырадз! Уæларв ахæм нæй, æмæ дæ тыхмæ чи фæлæууа иуæй-иумæ, фæлæ ма сæрынхъуаг дæ. – Зонын æй, цы зæгъынмæ хъавыс, уый. Æмæ мын бацамон, Куырдалæгонмæ куыд фæцæуон? – Дæ мадырвадæлтæм уал фæцу. Уыдонмæ ис беркæфтæ. Иу къуыри цын сæ сой фæцъир, æмæ цын се хсыр фæцым. Æнæуый дæ бон нæ бауыдзæн Куырдалæгоны куырдадзы дæхи байсæрын. Афтæ куы нæ бакæнай, уæд басудздзынæ. Уыцы изæр Батырадзы Хур æриста зæхмæ йæ тынтыл, æмæ Батырадз сæхимæ дæр нал ацыд, фæлæ комкоммæ ныццыди йæ мадырвадæлтæм. Уыдон ыл тынг фæцинкодтой. Стæй цын радзырдта, цæмæ 'рцыди, уый. Батырадзмæ йæ мадырвадæлтæ беркæфтæ 'рбакодтой. Кæрддзæф цын кодтой сæ бæрзæйтæ æмæ цын Батырадз уырдыгæй сæ сой цъырдта. Се хсыр дæр цын-иу ацымдта. Афтæ æнæхъæн къуыри йæхи фæхаста уым. Къуырийы фæстæ 'рцыди Нартæм, æмæ йæ Сатана уайдзæфты бын фæкодта: – Кæмыты хæтыс, Батырадз? Нартæм куынæуал зыныс! Фæдзырдта йын Батырадз дæр йæ фæндаджы хабæрттæ. Стæй ма йын афтæ: – Æз мæхи Куырдалæгонмæ куы нæ байсæрон, уæд мын фæстагмæ хорз нæ уыдзæни. Фæлæ мын куы ницы ком радта? – Ацу йæм. Куырдалæгон хатт æфсон дæр ыскæны... Бацыди Куырдалæгонмæ. – Æнæхъæн къуыри мæхи схастон беркæфтæй, гъеныр мæ байсæр. – Уæдæ ма дæ кæстæр æнгуылдз хъæсдарæгыл авæр, æз дæ базонон. Батырадз йæ кæстæр æнгуылдз хъæсдарæгыл æрывæрдта. Куырдалæгон æй дзæбугæй ныххафтласта. Дзæбуджы хъæд тæгæлтæ фæхаудта 'мæ Куырдалæгоны ныхыл сæмбæлд Батырадзы 'нгуылдз æндæрхуызон дæр нæ фæци. Нæдæр уау фæкодта Батырадз. – Цæвгæ мæн кæныс, – загъта Батырадз. – Æмæ кæугæ та ды кæныс?! Цæй, байсæр мæ, Куырдалæгон. – Ма кæ, мæ хур. Мыййаг, басудздзынæ 'мæ тæригъæд дæ. – Æз дæ уымæй нæ фæрсын. Уæд Куырдалæгон сагъæсыл фæци: "Ныр ай куы байсæрон, уæд ын зæхыл тыхгæнæг тых нал ракæндзæн, æмæ Хуыцауимæ дæр ысхæцдзæн. Уæд ма мах цард та цы уыдзæни? Йæ кондыл зыны – зынг чи бауырома, ахæм у". Иуцъусдуг ахъуыды кодта Куырдалæгон, стæй зæгъы: – Æвзалы мæм чысыл и, æмæ дæ фаг куы нæ суа... – Уымæн дын æз амал ыскæндзынæн. – Скæн, æмæ мæм къуырийы фæстæ рацу. Батырадз æрцыди Сатанамæ 'мæ йын афтæ зæгъы: – Къуыримæ мын сæмгъуыдкодта. Стæй зæгъы, æвзалы дам мын не сфагуыдзæн... – Уымæй Хуры афæрс. Уый дын баххуыскæндзæн. Æмæ фæстиат мауал кæн. Æмæ та фæстæмæ фездæхти Батырадз, Хурычызгæн ракодта йæ хабар. Æмæ йæ уый та йæ фыдæн радзырдта. – Батырадзы нæ сæры Куырдалæгон. Æфсæнттæ йын кæны. Æмæ йын баххуыскæн. – Уæддæр цы загъта? – афарста Хур Батырадзы. – Дæ фаг дам нæу ме взалы зæгъгæ мын загъта Куырдалæгон. – Æвзалы дын нæ баххуыскæндзæн æнæуый дæр. Дæу хъæуы дойнаг дур. Уый та дын – мæ быгъдуан. Æмæ Хур куынцгом дойнаг дурæй байдзагкæнынкодта. Йæ мидæг ын Батырадзы бавæрдтой. Стæй фæсидти Уацилла, Галæгон, Зынджыбардуаг æмæ Мигъыбардуагмæ, æмæ загъта: – Уацилла, ракал дæ цæхæртæ – дойнаг дуртæ сырх зынг куыд фестой! Галæгон, ды та тыхджын дæр ысдым. Зынджыбардуаг, ды та цæхæр æртывæр фæкæн! Мигъыбардуаг, ды та ахæм къæвда скæн, æмæ денджызтæ сæ былтæй куыд акæлой! Æмæ Мигъыбардуаг, арв æмæ зæхх кæрæдзийы хостой, къæвда скодта ахæм. Зынджыбардуаг йæ цæхæр æртывæр фæкодта. Галæгон тыхджындæр ысдымдта. Уацилла йæ цæхæр калдта. Æмæ Батырадз Куырдалæгоны куырдадзы иучысыл бахъарм и. Фæлæ уыцы 'нкъардхуыз уыд. Уæд æм Хурычызг фæндыр балæвæрдта. Хур Куырдалæгоныл йæ фæндаг акодта, æмæ йæм дзуры: – Ам дæ, Куырдалæгон? – Ам дæн. Цы дæ хъæуы? – Хæмыцы фырт Батырадз дæ куырдадзы куынцгомы йæхи сæры, æмæ йæм фæкæс. – Цы загътай уый? Æмæ нæ уæд ам цæрын куынæуал ныууадздзæн! – Ма тыхс, кæд нæ хъыгдара, уæд йæ мæлæт мæ тæвдæй уыдзæн. Фæлæ ацу, æмæ йæ байсæр. – Цæй, дæ хатырæй, Хур. Куырдалæгоны куырдадзы тæвдæй бацæуæн нал уыди. – Кæд, мыййаг, нæ судзыс? – Мæнæ уазалæй куы мæлын, уæд цытæ дзурыс? Нал сауæрста уæд Куырдалæгон. Авд комæй йæм авд куынцы сарæзта. Æртæ боны рацыд. – Дæ къух-ма хъæсдарæгмæ радар. Батырадз йæ къух хъæсдарæгыл авæрдта, æмæ хъæсдарæг æрфæлмæн. – Æнæрай дæ фæуа Хуыцау, – загъта Куырдалæгон. – Кæд цы тыхы хицау дæ! Мæ хъæсдарæг мын дæ тæвдæй ку' атайын кодтай! Ныр бæстæ лæсæнтæ кæны къæвдайæ. Уацилла йæ гæрæхтæй нал æнцад. Залиаг кæлмытæ 'мæ домбæйттæ рабырыдысты се мбæхсæнтæй. Мигъылбардуаг цæ Галæгонæн ыскъæфынкодта, æмæ цæ уый та Куырдалæгоны куырдадзы 'ппæрста. Куырдалæгон дæр цæ калдта куынцгомы. – Дæ къух-ма авæр хъæсдарæгыл, – дзуры Куырдалæгон Батырадзмæ. Батырадз та хъæсдарæгыл йæ къух авæрдта, æмæ хъæсдарæг адон. – Иу бон ма бафæраз! Æвдæм бон Куырдалæгон фæдзырдта Хур, Уацилла, Галæгон, Зынджы- æмæ Мигъыбардуæгтæм. – Денджызмæ йæ куы нæ аппарæм, уæд Батырадзы байсæрыны фаг дон кæм и! Куырдадзы бынмæ 'фсæнтæ бавæрдтой, æмæ йæ раластой. Денджызмæ цæхæр калгæйæ атахти Батырадз. Денджыз ныссур и, æмæ кæфтæ 'мæ кæсæгтæ фыхæй сурыл аззадысты. Батырадзы тъанджы кæрон ма дон хъæстæ нæ фæци, фæлæ æнæуый иууылдæр цъæх æндон фестади. Батырадз рауыгъта кæфтæ 'мæ кæсæгты æмæ цæ амыртмырткодта йæ болат дæндæгтæй. Æруазал и Батырадз. Рахызти донæй, разылд Йеугуыппыртыл, æмæ иу цæфæн фондзыссæдзы 'рбамардта. Мæликтыл ыссыди – иу ахæм та уым фæцагъта. Гуымиртыл рацыди – уым дæр афтæ. Стæй Нартæм æрбацыд æмæ загъта Сатанайæн: – Хурычызгæй хо загътон мæхицæн, æмæ уал уырдæм цæуын. Æмæ Батырадз уæларвмæ афардæг и. Чи ма йæм бауæндыдаид? Сегасыл дæр тых уыди, Хуыцау æмæ Хурæй фæстæмæ. | |
Просмотров: 455 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |