Четверг, 03.07.2025, 23:40
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Оцените мой сайт
Всего ответов: 90
Статистика

Онлайн всего: 2
Гостей: 2
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

БАТЫРАДЗ ÆМÆ ХЪУЛОНЗАЧЪЕ УÆЙЫГ
БАТЫРАДЗ ÆМÆ ХЪУЛОНЗАЧЪЕ УÆЙЫГ
Уæд, зæгъы, иу заман Нарты хæхтæм цавæрдæр уæйыг æрæфтыд
кæцæйдæр. Йæ зачъетæ хъулон... Æмæ цын сæ фос нал хизынмæ уагъта,
сæхи та – ракæсын.
Уæд Нарты хистæртæ загътой, куывд ыскæнæм, æрхонæм адæм
сеппæты дæр, æмæ равзарæм хъомгæс зæгъгæ.
Уырызмæг арвыста хонджытæ алы рæттæм æмæ хонджытæ адæмы
'рхуыдтой. Уæд Уырызмæг фыдздзаг ыскуывта, стæй загъта фæстагмæ:
– Хъомгæс ацæуынмæ уæ йæ ныфс чи хæссы, уый ацаходæд ацы
кувæггагæй.
Æмæ иу дæр йæ ныфс нæ бахаста.
Дыггаг хатт дæр та скуывта Уырызмæг, æмæ бафарста хонджыты:
– Исчи ма баззад кæд Нарты адæмæй æддæ?
– Уæлæ ма иу чысыл лæппу Уæллаг Нартæй, сæ дуармæ.
– Ацæут, æмæ йæ 'ркæнут ардæм.
Хонджыты хистæр æм ыссыди лæппумæ, æмæ йæ афарста:
– Лæппу, ды Нарты куывдмæ цæуылнæ цæуыс?
– Æмæ ардыгæй уырдæм фистæгæй ацæуон?
– Мæнæ мæ фæсарт ысбад, æмæ иумæ цом.
– Æмæ нæ дæ бæх афæраздзæн?
– Рацу, къулбадæг, æмæ сбад. Бирæ ныхасмæ мæ не вдæлы.
Лæппу сбадт хонæгæн йæ фæсарт, æмæ 'рцæуынц. Фæндагыл лæппу
бæхы фæрстæ 'рбалхъывта йæ уæрджытæй, æмæ бæхæн йæ туг йæ хъæлæсæй
ыскалд. Бæх ахаудта, æмæ лæппутæ фистæгæй æрбацыдысты куывдмæ.
Уырызмæг æй куы федта лæппуйы, уæд та æртыггаг хатт загъта, йæ
ныфс чи хæссы, уый ацаходæд зæгъгæ. Фæлæ йæ Батырадз нæ фехъуыста.
Уырызмæг ноджы хъæрдæрæй дзуры. Æмæ йæ нæ фехъуыста Батырадз –
лæппутимæ хъазыныл фæци. Æртыггаг хатт адæмы сеппæты дæр
ракæсынкодта Уырызмæг.
– Чи ацæудзæн хъомгæс?
Батырадз уæд бауад, æмæ райста кувæггаг: æртæ гуыдыны 'мæ галы
агъд. Йæ комыкъулы цæ баппæрста 'мæ цæ ахордта. Стæй цæ хъомгæсы
мызд æрдомдта Нартæй:
– Уæ зæронд лæгты ныддасут, æмæ мын нымæт ыскæнут сæ зачъетæй.
Нарты адæммæ уый хорз нæ фæкасти. Зæрæдтæ æвиппайды фегуыппæг
ысты, æмæ сæ сæртæ 'руагътой.
Стæй бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ сразы сты уæддæр.
Дыггаг бон раджыгомау раскъæрдтой сæ фос, æмæ семæ рахастой
Батырадзæн – чи дзабыртæ, чи хордзен, чи худ.
Батырадз йæ фос хизынмæ аскъæрдта. Хизæнуатмæ цæ сыскъæрдта.
Фæлæ уæйыг нæ зыны. Уæд Батырадз сæгуыт амардта, йæ цармæй йын
халагъуд ыскодта, фыдæй та – физонджытæ. Хъулонзачъе балцы уыди.
Хабар бамбæрста. Батырадзы размæ 'рбахæддзæ, æмæ футтытæ систа:
– Чи куыдз, чи хæрæг! Ам мæ зæхмæ йæ ныфс чи 'рбахаста!
– Куыдз дæр дæхæдæг, æмæ хæрæг дæр! Дæ сæт цæуыл калыс?
Уæйыг базыдта, уый Батырадз кæй у, уый. Æрбацыд йæ размæ, æмæ
йæ, цыма нæ зоны, уыйау æй афарста:
– Лæппу, ды Нарты Батырадзы кой не рыхъуыстай, мыййаг?
– Куыннæ.
– Æмæ уæдæ цавæр хъæзтытæ фæкæны?
Мæнæ ахæм зæгъгæ йын йæ сæр сыскъуыдта, михыл æй акодта,
бæрзонд æй систа 'мæ йæ 'рхаста Нартæм.
Нарты адæм изæрырдæм йæ размæ цыдысты. Фæлæ михыл сæрыкъуыдыр
ку' ауыдтой, уæд, Хъулонзачъе уæйыг æрцæуы зæгъгæ, фæтарстысты 'мæ
фæцæйлыгъдысты.
Уалынмæ 'рбазынд Батырадз йæхæдæг дæр. Æмæ уæд йæ размæ
рацыдысты. Радтой йын, зæронд лæджы зачъетæй цы нымæт ыскодтой,
уый. Æмæ йæ Батырадз дæр йæ уæлæ 'рбакодта.
Уæдæй фæстæмæ Нарты фос сæрибарæй хызтысты Нарты хизæнты.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (07.12.2009)
Просмотров: 315 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск