Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
БАТЫРАДЗ ХÆСТ УÆНГХОР ÆМÆ ÆРМХОРИМÆ
БАТЫРАДЗ ХÆСТ УÆНГХОР ÆМÆ ÆРМХОРИМÆ
Гуымирты сыхы райгуырди дыууæ фаззоны, амæй-ай хæрагдæр, амæй- ай æнæфсисдæр. Сæ мады 'хсыр цын фаг нæ кодта. Уæд фаззæтты фыд йæ фосы 'хсырæй райдыдта хæссын йæ дыууæ фырты. Уый дæр цын æртæ мæйы фæстæ нал фаг кодта, æмæ Гуымир хохмæ ссыди. Уым цъитидон фескъуыдта, нукыл æй рауагъта. Æхсыримæ йæ хæддзæкодта, æмæ цын уый дарын байдыдта йæ фаззæттæн. Рацыди афæдз. Сæ фыд цын уæныг аргæвста лæппутæн. Сфыхта йæ, æмæ цын æй сæ разы æрывæрдта. Лæппутæй иу уæнггай тыдта уæныджы фыд – Уæнгхор дæр æй уый тыххæй ысхуыдтой. Иннæ та йæ армгай тыдта 'мæ армгай хордта, æмæ уый та Æрмхор ысхуыдтой. Уæд иухатт Гуымир афтæ зæгъы йæ усæн: – Адон хæргæ куыд кæнынц, сæ тых дæр ахæм уыдзæни, æмæ ныр Нартæй мæ маст бæргæ исдзынæн. – Бæргæ, ахæм куы рауаиккой, æмæ мæ уд сæ къахыбынты фæхъхъау куы фæуид! Уæнгхор æмæ Æрмхор фат æмæ 'рдынæй хъазынхъом фесты. Иуахæмы цæм сæ фыд фæсидти. – Цомут-ма Тæнтыхъæдмæ мемæ. Æмæ араст ысты Тæнтыхъæдмæ Гуымир æмæ йæ дыууæ фырты. Уый цæм фæттæ 'мæ æрдынтæ радта, бæласыл фæугардкодта æмæ цын афтæ: – Гъеуыцы угард-ма фехсут! Кæддæра йæ чи фæцæфкæнид... Уæнгхор æмæ Æрмхор фæттæй æмæхст фæкодтой, æмæ сæмбæлдысты мысантыл. Æгæрыстæмæй бæлас дæр ма кæдæмдæр фæтахти. Æмæ бахудти сæ фыд, æмæ загъта: – Гъе, уый лæппуты æхст у, гъе! Лæппутæ дæр ныббуц ысты сæхицæй. Уæд та цæм сæ фыд дзуры: – Æххæст ма кардæй дæр ысхæцут. Уæнгхор æмæ Æрмхор кæрдтæй ысхæцыдысты – ничи цæ басаст. Сæ кæрдты гуыппæй ком нæрыди. Уæд цæм сæ фыд дзуры: – Ныууадзут уæ хæст. Хорз арæхсут, æмæ уæ ныр та дур æппарынæй ысфæлварон. Æмæ, Уæнгхор – иуырдыгæй, Æрмхор – иннæрдыгæй, афтæмæй кæрæдзиуыл дуртæ цæвын байдыдтой, æмæ лыстæг уырæй ызгъæлдысты дуртæ. – Ныууадзут уыцы хъазт дæр. Рæхджы Нарт сæ Хъазæнфæзы уыдзысты, æмæ уæ уырдæм æрвитдзынæн. Лæппутæ кæрæдзимæ бакастысты. Стæй сæ фыды фелвæстой, æмæ йæ тæбыныкъуыбылойау хæрдмæ 'ппæрстой, афтæмæй йæ сæхимæ 'рхастой. – Федтай? Дæу нæ уырныдта нæ лæппуты гуырдых! – загъта Гуымир йæ усæн. – Сæ митæ цын хъуамæ мæхи цæстæй фенон, æмæ ма мын уæдæ дойнагдуртæ стæвдкæнæнт. Уæнгрог æмæ Æрмхор дойнагдуртæ стæвдкодтой. Уæд цын сæ мад афтæ: – Гъеныр-ма уыцы дуртæ кæрæдзийы хъæлæстæм æппарут. Уæнгхор æмæ Æрмхор тæвд дуртæ истой се рмттæм, кæрæдзийы хъæлæстæм цæ 'ппæрстой, æмæ цæ æргъиуыстджытау мыртмырткодтой сæ дæндæгты 'хсæн. Стæй-иу цæ лыстæг ызмисæй ракалдтой. – Ноджы ма уæ бафæлварон? – Бафæлвар! – æмдзырд ыскодтой лæппутæ. – Уæдæ хъусут. Уæртæ къæдзæхытигъ уынут? Гъеуыцы тигъмæ фæйнæрдыгæй æрбацæут. Фырытау æй уæ сæртæй цæвут, æмæ уæм цы тых и, уый æз базондзынæн уæд. Уæнгхор æмæ Æрмхор, сæ мад цын куыд загъта, афтæ бакодтой, æмæ къæдзæхытигъ æрызгъæлд. Лæппутæ кæрæдзиуыл сæ сæртæ скъуырдтой, æмæ цасдæр рæстæг уæлдæфы ныхæвæрдæй аззадысты. Стæй зæхмæ 'рхаудтой. Фæрсынц лæппутæ сæ мады: – Цæй, куыд уыд, Æна? – Æна уæ фæхъхъау фæуа, мæ хуртæ! Фæлæ ма уæ ноджы иу фæлвæрд бакæнон. – Бакæн, бакæн! – загътой та æмдзыхæй лæппутæ. – Фæйнæ бæласыл-ма схæцут. Лæппутæ фæйнæ бæласыл ысхæцыдысты, æмæ цæ æд уидæгтæ стыдтой. Кæрæдзиуыл цæ ныццавтой, æмæ схъисгай баисты бæлæстæ. – Гъеныр мæ уырны, тых уæм кæй ис, уый. Фæстагмæ цын Гуымир афтæ зæгъы йæ фырттæн: – Уæхи цæттæкæнут ныр Нарты хъазтмæ. Æрлæууыди уалынмæ Нарты хъазæн бон. Æмæ араст ысты гуымиры фырттæ Уæнгхор æмæ Æрмхор Нарты хъазтмæ. Нартæм ахæм æгъдау уыди: састыбынаты чи баззайа сæхицæй, уый Нарты æртæ сыхы авд боны хъуамæ фæхынца! Иннæ адæмтæй, чи хъазыди семæ, уыдонæй-иу чи фæхæрд, уый та-иу фосæй фыста Нартæн, къуыри цы бахæрой, уый. Кæд-иу сæхæдæг баззадысты састыбынаты, уæд-иу æй æрхуыдтой æнæхъæн мыггагæй, æмæ цæ лæвар хастой къуырийы дæргъы. Æрымбырд ис Нарты Хъазæнфæзмæ дунейы дзыллæ, дунейы адæм. Зæхх цæ нæ уырæдта, хур цыл не ххæссыди, дон цæ не фсæста, уыйбæрц уыдысты. Нартæ хъазыдысты сæ кæрæдзиимæ, стæй ма цæм хъазынмæ чи 'рцыди, уыдонимæ дæр. Уым уыдысты гуымиртæ, уæйгуытæ, алы гуыппырсар адæм. Нымайгæ та цæ чи кодта уыйас адæмы! Райдыдтой хъазын. Нырма уал фæттæй мысанмæ 'хстой. Фæлæ Гуымиры дыууæ фырты Уæнгхор æмæ Æрмхорыл ничи тыхкодта, мысаны тæккæ астæуты 'хситгæнгæ тахтысты кæрæдзийы фæдыл сæ фæттæ. Нартæй иу дæр ахæм нæ разынди, æмæ Уæнгхор æмæ Æрмхорыл чи фæтых. Нартæ та æнæрцæф адæм уыдысты, барын нæ зыдтой... Æмæ кæмттæ арыдтой фæтты 'хситтæй. Ахицæн фæттæйхъазт. Уæд та райдыдтой кæрдтæй хæцын. Кæрдты цæхæр кæфойыдзæгтæй калди 'мæ бæстæ сыгъта. Адæм доны сæхи калдтой, исчи цæ, мыййаг, куы басудза, уымæй тæрсгæйæ. Фæлæ хæцгæ чи кодта, уыдон цæхæрæй сæхи бахъахъхъæной, уый сæ сæрмæ нæ хастой. Ам дæр та бæлвырдбæрæгæй Гуымиры фырттæ амбылдтой. Уæд дур æппарынмæ рахызтысты. Гуымиры фырттæ дойнагдуртæ тæвдкодтой æмæ цæ зыввытластой. Тæвд дур-иу кæуыл сæмбæлди, уый хъазтæй фæхауæггаг. Басастой та сеппæты дæр уыцы бон, æмæ Гуымиры фырттæ, хъазт куы фæци, уæд худгæ фæцыдысты сæ хæдзармæ. Дуне дзыллæ-адæмы басастам абон. Райсом та ногæй цæуæм зæгъгæ загътой сæ фыдæн. – Æмæ иуыл уым уыдысты Нартæ? – афарста цæ Гуымир. – Зæхх цæ нæ уырæдта, хур цыл не ххæссыди, дон цын нуазынæн нæ фаг кодта, уыйбæрц адæм дзы уыди. – Райсом куы хæцат, уæд ма-иу кæсут Нартæм. Кæд сæ мæсгуытæй уæ хъазтмæ кæсæг уа, уæд уый уый нысанкæны, æмæ Нартæй фæстейы ничиуал ис. Афтæмæй цæ куы басæттат, уæд уæ хондзысты, фæлæ-иу ма сразы ут. Мах иунæг не стæм зæгъгæ-иу зæгъут. Стæй цæм хæдзарæн- лæгæй хъуамæ фæцæуæм Нартæм. Уадз æмæ нæ иу къуырийы дæргъы фæхæссой æввонгæй. – Хорз, кæсдзыстæм, – загътой Гуымирæн йæ фырттæ. Дыггаг бон дæр та фыдздзагæй фылдæр адæм æрымбырд и. Райдыдтой хъазын. Фыдздзаг хъазт уыди дойнагдуртæй. Бирæйы дæндæгтæ дзы ныссасти, бирæйы былты туг дзы акалд, бирæйы хæмхудтæ дзы ныррæсыдысты. Уæддæр сæ хъазт нæ уагътой. Уæд ысбæрæг и, Гуымиры дыууæ фырты та цæ Нарты 'мбулынц, уый. Фæци та уыцы хъазт дæр, æмæ райдыдтой фырыты хæст. Гуымиры дыууæ фырты кæй ныггуыпласынц, уыдон зæххыл дзуддзæгбадт акæнынц. Уæддæр сæ хæст нæ уагътой. Фæбæрæг и, Гуымирты фырттæ та кæй ысгуыхынц, уый. Стæй та æндæр хъазт райдыдтой – бæлæстæ бындзарæй тонынц. Гуымиры фырттæ цæ æд уидæгтæ сыскъуынынц æмæ цæ ныххуырсынц иннæтыл. Кæй ныццæвынц, уый тæссарбадт акæны йæ мидбынат. Уæд Нартæ зæгъынц: – Гуымиры фырттæ! Акæсут-ма – Нартæй фæстейы ничиуал баззад. Мæсгуытæй кæсынц, æмæ уæ хонæм. – Мах иунæг не стæм! – Уæдæ райсом йе ртыггаг бон у нæ хъазтæн. Фенæм, кæд ма нæм исты хъару уа, уæд ысхæцдзыстæм. Гуымиры фырттæ та 'рцыдысты сæхимæ, æмæ ракодтой Нарты ныхæстæ сæ фыдæн. – Æмæ мæсгуытæй дæр исчи каст? – афарста цæ сæ фыд. – Иууылдæр кастысты. Мæсгуыты сæртыл цæугæ дæр нал кодтой. Æмæ- иу сæ рæттæй кæрæдзийы бабастой, афтæмæй нæм кастысты. – Нартыл æууæнк нæй, исты та æрымысдзысты, – загъта фаззæтты мад. – Сæгълæуд чи ныккодта, уыдон ма цы хъуамæ æрымысой? Фæлæ райсом нæ мыггаг хъуамæ иууылдæр ацæуой Нартæм, – зæгъынц лæппутæ. – Фидиуæг-хъæргæнæг мæхæдæг фæуыдзынæн, – загъта Гуымир. Æмæ ацыди йæхæдæг, æмæ фидиуæгхъæр ныккодта: – Гъей, гъей, Гуымирты адæм! Фат-фæдисонау уæм мæ хъæр фехъуысæд! Мæ хъæбултæ Уæнгхор æмæ Æрмхор Нарты басастой, æмæ райсом Нартæм цæуынц! Фехъусут уеппæт дæр! Хæдзарæн – лæгæй рацæут Нартæм! Сцæттæкодтой Гуымирты мыггаг сæхи æмæ æртыггаг бон хæдзарæн – лæгæй бæхтыл фенкъуыстысты гуымиртæ Нартырдæм. Гуымиртæ бирæ адæм уыдысты. Æртæ Нартæй цæ иумæ куы хыгътаиккой, уæд дзы алы хæдзармæ авд лæджы хауди. Сæ бæхты къæхты бын зæхх лæбырыд, æмæ сæ рыг мигъау сыстади сæ сæрмæ. Бæхты фындзыхуынчъытæй ахæм фу цыди, æмæ цыма уад сыстади, уыйау фæлдæхтысты бæлæстæ. Æрбаввахс ысты Нарты Хъазæнфæзмæ. Нартæ уæд куывд ацарæзтой. Уырызмæг Нарты 'рбамбырдкодта, нуазæнхъалац райста мæ загъта: – Нартæм æрцæуынц гуымиртæ. Абон æртыггаг бон у, æмæ уæ семæ ахъазынмæ йæ ныфс чи хæссы, уый мын айсæд мæ нуазæн. Нартæй йæхиуыл ничи схæцыд. Æмæ цæ уæд Уырызмæг афарста: – Æртæ Нартæй ма æддæ чи ис? – Ничи! – зæгъынц Нартæ. – Иу зылд ма акæнут ноджы. Разылдысты та Нартæ хæдзари-хæдзар, æмæ никуы ссардтой никæй. Фехъусынкодтой, Æртæ Нартæ 'ппæтæй дæр ам ысты зæгъгæ. – Гуымирты ныхмæ чи 'рлæууа хъазты, иу ахæм айсæд мæ нуазæн! – ногæй та дзуры Уырызмæг. Нартæй та ничи схæцыди йæхиуыл. Иууылдæр ныхъхъус ысты, æмæ 'нцад бадынц. Уырызмæг йæ цæст ахаста бадтыадæмыл. Никæй федта фезмæлгæ, æмæ, æнцад куы бадтысты сеппæтдæр, уæд загъта: – Нартæ, иуыл ам ыстут? – Ам ыстæм. – Ноджы-ма иу зылд акæнут. Фенут æппæт рæтты дæр, æмæ кæй ыссарат, уый-иу ракæнут. Нартæ та разылдысты. Хæдзæртты никæй ыссардтой. Доныбылты разылдысты, æмæ уым иу лæппуйы ауыдтой. – Ай мах хуызæн у, фæлæ чи у? Кæй фырт у, цымæ? Сатана йæ зондзæни, æмæ йæ бафæрсæм. Æмæ Нарты кæстæртæ Сатанамæ бауадысты, æмæ йæ фæрсынц: – Ахæм æмæ ахæм лæппуйы доныбыл хъазгæ федтам. Йæ хуыз мах хуызæн у, фæлæ, цымæ, Нартæй кæцыйы фырт у? – Уый дæр уæхицæй у – Хæмыцы фырт. Фæлæ йæм хæстæг дæр ма бацæут. Зæнгсаст æмæ уæ уæнгцухтæ фæкæндзæни. Æз æм мæхæдæг фæдзурдзынæн. Æмæ йæм Сатана ацыди Батырадзмæ,æмæ йæ 'рбакодта. Батырадз Нарты кæстæрты Сатанатæм куы федта, уæд афтæ фенхъæлдта æмæ уыдон æцæгæлон исчи сты, æмæ Сатанамæ тыхæй æрбацыдысты. Февнæлдта цæм, æмæ цæ гæрзбæндæнæй кæрæдзиуыл абаста. Æмæ Нарты кæстæртæн се рдиаг ыссыди. Уæд æм Сатана дзуры Батырадзмæ: – Суадз цæ, уыдон дæр де фсымæртæ сты! – Уæдæ цын дæ хатыр фæуæд. Æмæ цæ суагъта Батырадз Нарты кæстæрты. Чи цæ йæ цонджыхъулыл хæцыд, чи – й' армыл, чи – йе нгуылдзтыл, чи – йæ цонджыхæцъæфтыл, чи йæ риу æууæрста, чи йæ фæрстæй хъæрзыдта. – Уынут, – загъта Сатана. – Цалдæрæй уæ сбырста. Амæн йæ тыхы ныхмæ тых нæ лæууы. Æддæмæ дæр æй уымæн нæ уадзынц – искæмæн исты зиан куы ракæна... Зæгъут, гъеныр уæ цы хъæуы? – Мах Уырызмæг рарвыста. Нартæ куывды бадынц æмæ йын йæ ныхасæн аргъ чи скæна, æмæ кувинаг чи райса, ахæм агуры. Зилæм Æртæ Нартыл, æмæ лæджымыггагæй никæйуал ныууагътам фæстейы... – Хæмыцы фырт Батырадз нырма чысыл у, – загъта Сатана. – Фæлæ 'гъдау радтын йæ бон бауыдзæни, æвæдздзæгæн. Æмæ бауад Батырадзмæ Сатана: – Хъус-ма, мæ къона! Нартæ дæ кæнынц сæ куывдмæ. Фæлæ 'гъдау радтын æмæ кад ыскæнын базон. Нæ зæронды ныхæстæм байхъус. Цы дын зæгъа, уый-иу бакæн. Æмæ дæм кæд исты ныфс уа, уæд-иу æй, нæ зæронд дын кæм зæгъа, уым равдис. Иунæг Хуыцау дæ фарс уæд! Æмæ акодтой Нарты кæстæртæ Батырадзы семæ. Фехъусынкодтой хистæртæн Нарты кæстæртæ, иу лæппуйы ма ссардтам зæгъгæ. Милтæ йыл фæхæцыд чысыл, ахæм лæппу. Уырызмæг та систа йæхимæ йæ хъалац-нуазæн æмæ загъта: – Нартæм æвзæры уохыл æрбацæуынц Гуымирты мыггаг. Махæй авд хатты фылдæр ысты. Абон æртыггаг бон у, æмæ Нарты хъазты сæ ныхмæ чи 'рлæууа, уый айсæд мæ къухæй ацы нуазæн æмæ ацы хай. Батырадз акасти фæйнæрдæм, æмæ куы ничи стади Нартæй, уæд Батырадз бацыд Уырызмæджы цурмæ. – Æз дын исын дæ хъалац-нуазæн æмæ хай. – Чи уа ацы æнæхъуын лæппу, йæ ныфс Гуымиртæм чи хæссы? – хъус- хъус дзурынц адæм. Уырызмæг æм хъалац-нуазæн æмæ галы агъд æнæхъæнæй авæрдта. – Дæ нуазæн дын исын, Уырызмæг, – загъта Батырадз. – Фæлæ дæ ныхас цæмæй сæххæст уа, уымæн уый æгъгъæд нæу. Ахæм ранмæ фистæгæй нæ фæцæуынц. – Мæ бæх дын дæдтын, – зæгъы Уырызмæг. – Уæд цæуын, фæлæ м' армы та цы айсон? Уæд Сослан фестади 'мæ загъта: – Æз та дын мæ кард дæдтын. – Хорз дæ хъуыддаг, Сослан. Фæлæ мæ рагъæныл та цы сæвæрон? – Æз дын ме рдын дæдтын æд фæттæ! – дзуры Бурæфæрныг. – Дæ лæвар бирæ, – загъта Батырадз. – Фæлæ мæ бæх кæм æрбæтдзынæн? Айс м' арц, – зæгъгæ загъта уæд Хæмыц дæр. – Д' арцмæ кæй бадарон, ахæм та мын кæм уыдзæн? – Уый та дын мæ лæвар уæд, – загъта зæронд Ацæ. Æмæ йæм йæ уарт радта. Батырадз хъалац-нуазæн йæ бынтæм анызта, галы агъд æрмыртмырткодта æд ыстджытæ. Йæ фæстæ Уырызмæг йæ бæхы 'рбакæнынкодта. Батырадз ыл абадти. Ацæйы уарт цонгыл асагъта. Сослан йæ кард райхæлдта 'мæ йæ Батырадзмæ слæвæрдта. Уый дæр æй й' астæуыл абаста. Бурæфæрныг æм авæрдта йе рдын æд фæттæ, Хæмыц та – й' арц. Стæй цын Батырадз афтæ зæгъы: – Цæй, цæуон, æви нæма? – Фæлæу, загъта Уырызмæг. – Сæхæдæг нæм хабар кæндзысты. Æцæгдæр, Гуымиртæ Нарты Хъазæнфæзмæ 'рбахæддзæ сты. Æмæ æртæ кæстæры 'рбарвыстой Нартæм ахæм фæдзæхстимæ: "Нартæ хъазты уохыл лæуд ысты, æви – хоныны?" Æртæ кæстæр гуымиры Нарты тымбылæй æрбаййæфтой куывды 'мæ загътой: – Фарн уæ куывды! – Фæрнæйдзаг ут, Гуымиртæ. Исты хабар? – Хабар уæхæдæг æмбарут, хъазты уохыл ыстут, æви хоныны уохыл? Уырызмæг Ацæйы афарста: – Цæй, цы кæнæм? Ацæ сыстади мæ загъта: – Нартæ сæ фæтк никуы халынц. Нарты хъазт вæййы æртæ боны. Абон не ртыггæгæм бон у, иу хъазт-ма акæнæм. – Кæимæ ма хъазæм? – загътой Гуымиртæ. – Хистæры тыхæй басæттын, уый фæтк у, хистæр йæ лæппуйы тыхы нал вæййы. Фæлæ нæм ис кæстæртæ. Сегасы ауадзæм, уый не гъдау н' амоны, æмæ цæм иу кæстæры 'рвитæм. Кæд уый басæттат, уæд уый номæй æгас кæстæр-фæсивæд дæр састыбынаты баззайдзысты. Кæд уæ амбула, уæд уæ тыхджын тыхæй йемæ бавзарæд. – Раст зæгъыс, Ацæ! – схъæркодтой Нартæ. – Уæд махыл æмбæлы, æмæ уын уæ фæндон фехъусынкæнæм. – Бар уæхи! – загъта зæронд Ацæ. Гуымирты кæстæртæ 'рцыдысты Нарты Хъазæнфæзмæ, Гуымирты мыггагмæ, æмæ загътой: – Нартæ сæ фæтк нæ халынц, абон дам нын æртыггаг бон у хъазынæн. Дыууæ хатты дам хистæр фæлтæримæ хъазыдыстут, æмæ хистæрæн йе взонджы тых йæхимæ нал вæййы, фæлæ дам нæ кæстæримæ бавзарут. – Ау, æмæ Нарты кæстæртыл зилдзыстæм ныр? Уæд æртæ гуымиры – æрвыст лæгтæ – загътой: – Нартæ разы сты, цæмæй сеппæт кæстæрты номæй иу кæстæры рарвитой. Æмæ бацыди уæд Гуымир йæ дыууæ фыртмæ 'мæ цын загъта: – Иу лæппу рацæудзæн уæ ныхмæ, æмæ йын фæйнæрдæм йæ цæнгтæ атонут. Гуымиртæ та се ртæ кæстæры барвыстой Нартæм. – Разы сты Гуымирты мыггаг иу кæстæры рарвитыныл. – Куывды чысыл хъыртхъом фестут, æмæ уæ хæцын нæ кæнын, – загъта Батырадз Нартæн. Æрмæст мæм кæсгæ кæнут. Æмæ мæ кæд уыдон амарой, уæд-иу мæ ласын ма бауадзут. Кæд æмæ цын æз сыскъуынон сæ удтæ – ласын цæ ма бауадзут уыдон дæр! Нартæ базмæлыдысты, сылгоймæгтæ мæсгуыты 'мæ гæнæхты сæртæй кастысты. Гуымир уый куы федта, уæд фæрсы йæ фыртты: – Куы хъазыдыстут, уæддæр афтæ кастысты Нарты сылгоймæгтæ? – Афтæ. Æрмæст-иу немæ чи хъазыд, уыимæ уыйасæй нæ цыдысты ныры хуызæн. – Уæдæ арæхстгай æвналут, æмæ рæстдзæф ут. Æрцыдысты Нартæ, иу фарс æрлæууыдысты Гуымиртæ – иннæ фарс. Хъазæнфæзы астæу Нартæй æрлæууыд Ацæ, Гуымиртырдыгæй Гуымир йæхæдæг. Райдыдтой ныхас. – Æвæрæм дыууæ кæстæры, – райдыдта дзурын Гуымир. – Æвæрæм мах та æрмæст иу кæстæры, – загъта зæронд Ацæ. Уæд фæзындысты Гуымиры фырттæ. Нартæй рахызти чысыл Батырадз. – Ацы дзидзидаимæ куыд хæцæм? – загъта Уæнгхор. – Дзидзидайтæ иухуызон не сты. Фæлæ райдайæм, – дзуры Батырадз. – Исты дыл куы 'рцæуа, уæд дæ удæгасæй нал ауадздзыстæм. – Æз дæр уын афтæ зæгъын! – Нартæ! Сымах дыууæ боны фембылды стут. – Уыцы дыууæ боны хъæзтытæ мах иу бон акæндзыстæм. Фыдздзаг хъазт уæм цы ис? – Фатæй мысанмæ 'хсын. Фæйнæ бæласыл уыгæрдтæ 'ркодтой. Уæнгхор æмæ Æрмхор фехстой бæлас. Æмæ бæлас астæуæй уæлæмæ кæдæмдæр фæхаудта. Батырадз дæр фехста, æмæ бæлас йæ тæккæ рæбынæй фæтахти кæдæмдæр. – Бындар, фæуай, Бурæфæрныг, кæд цавæр фыдбылызы фæттæ дарыс! – загъта Батырадз. Уыцы ныхæстæм Бурæфæрныг бахудти 'мæ загъта: – Рамбылдтай, Батырадз! Бæдæйнаг фæу! Гуымиртæ фенкъард ысты. – Æндæр ма уæм цы хъазт ис? – афарста цæ Батырадз. – Хъæзтытæ бирæ сты. Бæлæстæ стонæм. Фæйнæ бæласы. Уæнгхор æмæ Æрмхор ыстыдтой фæйнæ бæласы 'мæ цæ хохыл ныццавтой, æмæ лыстæг цъæлтæ баисты дыууæ бæласы дæр. Батырадз бауади, бæлæстæ æд уидæгтæ, æд дуртæ 'мæ æд сыджыт ыстыдта, хохыл цæ ныццавта, æмæ кардыкæрдæнтау лыстæг ысхъистæ баисты. Фембылды та сты Гуымиры фырттæ. – Цы хъазт ма зонут? – Кæрæдзимæ дуртæ баппарæм. – Хорз хъазт у! – зæгъы Батырадз. Æмæ дурадзагъдæй айстой кæрæдзийы. Дыууæйæ – Батырадзыл, Батырадз дыууæйыл – иунæгæй. Цы дуртæ йыл ныццæвынц Батырадзыл, уыдон ыставд къæрттытæй хауынц Батырадзы къæхты бынмæ. Батырадз цы дуртæ ныццæвы гуымиртыл, уыдон та лыстæг чысæй æркæлынц. Уыцы хъазты дæр та Батырадз рамбылдта. – Цы хъазт ма зонут? – Кæрдтæй ысфæлварæм. Кардæй бавнæлдтой. Кæрдты цæхæрæй Гуымиры фырттæй кæмæн йæ дарæс ыссыгъди, кæмæн – йæ сæрыхъуынтæ. Æмæ састыбынаты баззадысты. – Бындар фæуай, Сослан, кæд цавæр кард дарыс! Иннæ ахæм Ацæ, зæрондæй дæр ахæм уарт кæмæн ис, иу зынджы къæртт дæр мæм не руагъта. Батырадз та ноджы фæрсы Гуымиры фыртты: – Цы хъазт ма зонут? – Дуртæ стæвд кæнæм, æмæ уыдонæй ахъазæм. – Бæхыл бадгæйæ, æви фистæгæй? – Бæхыл бадгæйæ – хуыздæр! Æмæ стæвдкодтой дойнагдуртæ. Батырадз та цæ сырхзынг ыскæнынкодта дурты. Æртæйæ 'рхъазыдысты бæхтыл. Алчи цæ йæ дзых ныххæлиукодта. Уæнгхор æмæ Æрмхор тæвд дуртæ бахсынц Батырадзмæ, уый цæ йæ дзыхæй ацахсы, йæ болат дæндæгтæй цæ 'ргъиуы æууылд акæны, æмæ цæ змисы хуызæнæй ракалы. Йæхæдæг зынгдуртæ фелвасы, бахсы цæ куы Уæнгхоры дзыхмæ, куы Æрмхоры дзыхмæ. Зынгдуртæ дæндæгты мылыты афизонæгкæнынц, æмæ сæ бон нал вæййы дуртæ æрыууилын. Батырадзы бæх æгæр тагъд куы фæуайы, уæд Хæмыцы арц зæххыл æрфидаркæны. Батырадз идоны рохтæ йыл абæтты, æмæ афтæмæй ысфæлвары семæ. Фембылды та сты Уæнгхор æмæ Æрмхор. – Хуыздæр фæуай, Уырызмæг, ахæм бæх чи дары! Ноджы мæ фыд Хæмыц, ахæм арц чи хæссы! Уырызмæг æмæ Хæмыцæн дæр æхсызгон куыннæ уыдысты Батырадзы ныхæстæ! Батырадз та афарста Гуымиры фыртты: – Цы хъазт ма зонут? – Сæрæй ысхæцæм! – Схæцæм, – загъта Батырадз, – сымах куыд фæнды, афтæ! Æмæ Уæнгхор йæхи рауагъта иуырдыгæй, Батырадз та – иннæрдыгæй. Æмæ кæрæдзийы сæ сæрытенкатæй ныххуырстой: Уæнгхор атахти æмæ Тæнтыхъæды бæласы рæбын букъбадт акодта. Йе взагыл фæхæцыди, æмæ йе взаджы цъупп йæ размæ 'рхауди. Дыггаг хатт фæстæмæ ацыди Батырадз, йæхи йыл рауагъта Æрмхорыл, атахти уый дæр. Йæ мад мыдамæстытæ кодта кæрты дуармæ, æмæ хыссæйыл сæмбæлди. Ныххаудта арынджы мидæг, æмæ йе взаг йæ хъæлæсы абырыд. – Цы кодтай, мæ хъæбул? – афарста йæ йæ мад. – Иу дзидзидай немæ хъазы, æмæ нын тыхкæны, ницæмæй сæтты. – Уæдæ иугæр кæд афтæ у, уæд кæронмæ хъазт фæут. Ныр та уымæй æрцагурут исты хъазт. Æрмхор æмæ Уæнгхор та 'рцыдысты Нарты Хъазæнфæзмæ. – Æхсæз хатты ахъазыддæн уемæ, – загъта цын Батырадз. – Æхсæз хатты уæм байхъуыстон. Ныр та мæм сымах байхъусут. – Хъусæм дæм. Æмæ Батырадз уæд Нарты хистæрты афарста: – Цæмæйты-иу фæхъазут? – Мах авд дуры радыгай æхсын байдайæм æврæгътæм, æмæ дур æрхауын чи 'руадза, уый фембылды ис, – загъта Бурæфæрныг. – Уый æцæг хорз хъазт у. Батырадз авд тымбылдуры 'рбадавта. Радыгай цæ арвмæ, æврæгъты уонг фехста. Дуртæй фæстæмæ раздæр чи 'рцæйхауы, уый та ацахсы, æмæ йæ ногæй фехсы. Афтæмæй дзы иу дур дæр хауын не руагъта. Уыйфæстæ Уæнгхор æмæ Æрмхор райстой уыцы авд дуры, æхсынц цæ, æмæ дыууæйæ дæр сæ бон нæ баци дуртæ радыгай ацахсын, зæхмæ-иу æрхаудтой. Фембылды сты уыцы хъазтæй дæр Гуымиры фырттæ. – Цы хъазт ма фæкæнут? – дзуры Батырадз та Нарты хистæртæм. – Æртыгайаздзыд куыртимæ сыкъайæ фæхæцæм, – загъта Уырызмæг. – Хорз хъазт у, уый дæр. – Рауадзут-ма иу куыр. Нартæ куыр рауагътой. Уый сызнæт и, æмæ Батырадз йемæ сыкъайæ схæцыди æмæ йæ сисрæбынмæ балхъывта. Уыйфæстæ Уæнгхор æмæ Æрмхор дæр куыримæ сыкъайæ схæцыдысты. Куыр цæ 'рбасырдта æмæ Уæнгхорæн йæ галиу цæст фæхаудта, Æрмхорæн та йæ рахиз цæст. – Цы зæгъут, Гуымиры фырттæ? – афарста цæ Батырадз. – Ницы, фембылды стæм. Батырадз та Нарты хистæрты фæрсы: – Ноджы-ма исты хъазт зонут? – Уæхстытæ стæвдкæнут, æмæ-иу цæ фадхъулæй фæкъæдзгæнæнмæ стъыссут. Уæу чи нæ зæгъа, уый рамбылдта, – загъта Сослан. – Тæккæ хуыздæр хъазт у! Æмæ стæвдкодтой уæхстытæ. Уæнгхор æмæ цæ Æрмхор Батырадзæн йæ фадхъулы стъыстой. Уый уæу нæ, фæлæ слæууыди 'мæ симыныл ысхæцыд. Уыйфæстæ та фæйнæ уæхсты стъыстой Уæнгхор æмæ Æрмхоры фадхъулты. Тыххæй ма сæхи уырæдтой. Иу дзы, Уæнгхор кæй хуыдтой, уый, йæ цæссыгтæ 'руагъта. Æрмхор та кæубыл фæци. Нартæ Батырадзы се рмтты хастой. Æмæ æрæмбырд ысты æртæ сыхæй Нартæ. Сбадтысты сæ бæхтыл æмæ балæууыдысты Гуымиры калачы уайтагъд. Гуымиртæ авд хатты фылдæр уыдысты Нартæй. Нартæй алы лæджы ныхмæ Гуымиртæй бадти авд лæджы. Систой нуазынтæ 'мæ хæрынтæ. Алы Нартæн-лæг дæр авд лæджы хардз иу рæгъæн нуæзта. Иу бон афтæ, дыггаг бон дæр афтæ. Æмæ Нартæ расыгкæнын байдыдтой. Уæд Гуымирты хистæртæй иу хатиагау дзуры: – Симдыл сифтындздзысты Нартæ, æмæ уæд кусартафон у! Уырызмæг хатиагау хорз зыдта, бамбæрста уыцы дæлгоммæныхæстæ, æмæ кæстæртæн бамбарынкодта, цæмæй нуæзтæй сæхиуыл фæхæцой. Нарты кæстæртæ сæхиуыл ауæрдын райдыдтой. – Æвæдза, кæстæртæн акафын дæр æмбæлы, – зæгъынц уæд Нартæ. – Йе ртæ нуазæны чи баназа, уый ахизæд хъазтмæ, – дзурынц Гуымиртæ. Нарты кæстæртæй алчидæр æртæ нуазæны анызта, æмæ хъазтмæ ахызти. Уæнгхор æмæ Æрмхор ыстыр куыси-нуазæны хæфсытæ 'мæ маргджын кæлмытæй байдзагкодтой, æмæ Уæнгхор зæгъы: – Мах басастæй, Батырадз, æмæ нæ къухæй иу нуазæн баназ. Фæйнæ та мах баназдзыстæм. Хъæстæ-нуазæн Батырадзмæ авæрдтой, сæхæдæг дæр фæйнæ нуазæны райстой. Бакъуыртц цæ кодтой, æмæ цæ сæ дзыхтæм ысхастой. Уæд маргджын кæлмытæй иу хæфсы рацахста. Хæфсы сæр йæ дзыхы атъыста. Хæфс йæ къæхтæ ныррастласта, æмæ хæрдмæ сзындысты дыууæйæ дæр. Батырадз ныууынæргъыд. Йæ дæндæгтæй нуазæны был нылхъывта, æмæ нуазæн дæндæгты зыхъхъыртæй фæрсудзæгау нуазы. Банызта йæ нуазæн Батырадз. – Уæ нуазæн бирæ уæд! Баппæрста цæм куыси Гуымиры фырттæм, æмæ хæфсæй, калмæй агæппытæластой. Нартæ цæ ауыдтой. – Уый та циу? – Ма тыхсут, Нартæ! – дзуры цæм Батырадз. – Маст чи кæны, уый марг цы у, уый дæр базондзæн. Фæлæ симгæ! Батырадз Уæнгхор æмæ Æрмхоры астæу æрлæууыди. Иуæн дзы йæ рахиз цонг, иннæмæн йæ галиу цонг ыскодта йæ дæларм, æмæ симы. Иу зылд акæны, æмæ цын сæ уæлфæдтыл æрлæууы. Дыууæйæн дæр сæ къæхтыхилтæ бамурвæййынц. Дыггаг зылд æркæнынц, æмæ цын Батырадз сæ цæнгтæ 'рбалхъивы йæхимæ. Уæнгхор æмæ Æрмхор фæчепфæчеппæй симынц. Нартæ цыл худынц. Стæй та æртыггаг зылд ракодтой, æмæ цын сæ мæкъуыстджытæ сыздыхта Батырадз. Уæнгхор æмæ Æрмхор базыдтой сенамонд, æмæ лæгъстæмæ фесты: – Ма нæ амар, мах дæ мад, дæ фыды уазæг! – Маргæ уæ нæ кæнын, фæлæ уын баргæ дæр нæ кæнын. – Суадз нæ уæдæ! – Нæ симд уал фæуа! Тынгдæр цæ 'рбалхъивы Батырадз. – Кæд фæрыстыстут, мыййаг? – Уыйас ды дæр куы фæриссис! – Уæдæ æз дæр фæрыстæн, сымах Нартæй хынджылæг куы кодтат, уæд. Фæлæ уæ абонæй фæстæмæ Нартыбæсты куыннæ уал фенон, афтæ! – Æртæ боны хорз федтам нæхи, – æппынфæстаг загъта Уырызмæг. – Фæлæ нæртон лæг гуыбынылмард нæу – нæ хæдзæрттæ бацагурæм. Нартæ базмæлыдысты 'мæ рацыдысты сæ бæстæм. | |
Просмотров: 379 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |