Пятница, 04.07.2025, 04:00
Приветствую Вас, Гость | RSS
Самые красивые девушки Осетии
Наш опрос
Владикавказ это:
Всего ответов: 15
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ

АЗЫРТЫ СÆФТ
АЗЫРТЫ СÆФТ
Азыртæ тыхджын æмæ фыдмыггаг уыдысты. Тых хастой алкæмæ 'мæ
цæм ничи уæндыди. Сæхицæй хуыздæрыл никæй нымадтой, сæхицæй
уæздандæр никæй хуыдтой. Бон цын куывдæн уыди, æхсæв та –
чындзæхсæвæн. Бæрæг нæ уыдысты, фæлæ сеппæт дæр – æнæрцæф адæм.
Цуаны-иу кæуыл фæхæст ысты, уый-иу бастыгътой æмæ-иу æй бæгънæгæй
æркæнынкодтой.
Нартæ сæ цуан никуы уагътой, æмæ иубон куы уыд, уæд Уæрхæг
цуаны араст. Азыртæм иу хæдзары авд æфсымæры уыди. Уыдон дæр цуаны
уыдысты, афтæмæй Уæрхæгыл амбæлдысты.
– Ай, æмæ чи дæ?
– Æз нæртон лæг дæн.
Азырты авд æфсымæры кæрæдзимæ бакастысты, стæй сæ иу загъта:
– Нарты адæмы мах цырагъырухсæй ку' агурæм, уæд ардæм кæцæй
æрхауддæ?
– Цуаны рацыддæн мæнæ.
Уæдæ дын немæ дæр æдзæугæ нæй.
– Æмæ сымах чи стут?
– Азыртæй ыстæм. Нæ фыд нын Нарты кой арæх фæкæны. Рацу немæ,
фæцин дыл кæндзæн, стæй махæй та бузныг фæуыдзæн.
Уæрхæг дзуры йæхинымæр: "Чи сты Азыртæ? Æз цын сæ кой дæр куы
никуы фехъуыстон. Цæй, уæддæр цæ фенон, цы мын кæндзысты?"
– Бузныг уе гъдауæй, фæлæ нæхицæй цæугæйæ хæдзары ныхас нæ
ныууагътон, æмæ мæм сæ зæрдæ куы 'хсайа... Æндæр хатт уæм
ацæудзынæн.
– Чызг, мыййаг, куы нæ дæ! Цæмæй дын тæрсынц? Лæг балцæн гуырд
у, æмæ, алы хатт йæ бинойнагæй йæхи чи куры, уый цæй лæг у!
Хардзау фæкастысты Азырты ныхæстæ æнæрцæф Уæрхæгмæ, æмæ цæм
дзуры:
– Куыд уынын, афтæмæй мæ сымах æфхæрынмæ хъавут, æмæ бавзарæм
уæд нæ тыхтæ.
– Ныббар нын. Кæд фæрæдыдыстæм, уæддæр – нæ сонтæй.
– Уæдæ нæ фыдмæ нæхи куыд равдисæм? Уæд та нын уый хатыр,
лæджы хатыр бакæ, æмæ рацу немæ.
– Афонмæ дæр афтæ загътаиккат æмæ араст и Уæрхæг авд
æфсымæримæ Азыртæм – уазæджы цыдæй. Авд æфсымæры 'рсайдтой Уæрхæджы
'мæ дзурынц сæ фыдмæ азырæвзагæй.
– Абоны цуан диссаг рауади. Лæппыны бæсты нæлтæй æркодтам.
Фæлæ йæм нырма худæнбылæй ракæс.
Азырты хистæр сыстад æмæ Уæрхæгæн йæ къух райста.
– Уæ, амондджын фæуай, абоныбон! Рагæй-æрæгмæ дæр æз нæртон
лæджы фендмæ куы бæллын! Цы зæдыхай дæ 'рхаста уæд мæ хæдзармæ?
Уæрхæг февнæлдта зæронд лæджы къухмæ, æгæр æй фелхъуывта, æмæ
зæронд миддзутцæг аци, туг рахъардта йæ ныхбынтæй.
– Æрбад уал, мæ хур. Чи ма стут мыггагæй, кæмыты цæрут? Мемæ
хæлар уыд зæронд Сæуæссæ, мæрдты рухсаг уæд. Иумæ хæтæнты бирæ
фæхаттыстæм. Сымах уæд гуырд дæр нæма уыдыстут.
– Хъусæм мах дæр нæ фыдæлты кой, – загъта Уæрхæг. – Фæлæ цæмæй
зонæм бæлвырд: хæлар цын чи уыд æмæ знаг? Чи цæ зыдта, ахæм нæ сыхы
ничиуал баззад.
– Нæ, мæ хур акæнай, раст зæгъыс. Кæцæй зонат, сымах-сонт
адæм, мах та – зæрæдтæ. Фæлæ нæ рæстæджы мах не знæгтимæ карзæй
хæцыдыстæм.
– Уо, хъуыстам афтæ, – зæгъы Уæрхæг дæр, – сау гуымиртæ 'мæ
уæйгуытæ... Уыдонимæ туглæсæнхæст кодтой нæ фыдæлтæ. Ныр дæр ма нæм
ныхмæ фæлæууынц.
Уæйгуыты коймæ зæронд фесхъиудта, уымæн йæ кайыстæ уыдысты,
æмæ йæ афарста:
– Ды дæр хæцыдаис семæ?
– Цалдæр хатты, нæ-иу нæ уагътой.
Уæрхæг æмбарын райдыдта, цыдæр хины фæнд кæй кæнынц Азыртæ,
фæлæ йæ æддæмæ не вдыста. Цыма никуы æмæ ницы, йæхи афтæ дардта.
Цалынмæ уыдон ныхæстæкодтой, уæдмæ авд æфсымæры та сæ фæнд кодтой.
Уазисæн хатæны фынг авæрдтой, æмæ 'рбауайынц. Цыма уайдзæфкæнынц сæ
фыдæн, сæхи афтæ 'вдисынц.
– Ныхæстыл æй дарыс уазæджы, фæлæ йын уазисæнмæ рацу зæгъгæ нæ
зæгъыс.
Ныххатыр мын кæн, уазæг, зæгъгæ загъта зæронд лæг. – Ныхæстыл
дæ фæкодтон. Ахизæм уал уазисæнмæ, кæд дæ фысымтæ фесгуыхиккой.
– Хуыцау уæ фарс уæд, уæхи уæлдай тыхсын ма кæнут.
– Ахиз, цæй, разæй, – хатынц Уæрхæгмæ.
– Фысымты разæй н' ахиздзынæн.
Бахызт уазисæнмæ зæронд лæг. Уæрхæг дæр йæ фæдыл бацыд. Фæйнæ
анызтой. Уæд авд æфсымæры кæстæр хатыркурæгау дзуры йæ фыдмæ:
– Уазæг нæм ис, æмæ йын кусарт акæнын хъæуы. Скувæм Хуыцаумæ.
Зæронд лæг уый æфсон уазисæнæй рахызти. Уæд дын Уæрхæгыл дуар
ахгæдтой. Астæрд ысфæлдæхтой. Уæрхæг йæхи нал бауырæдта, астæрды
бын фæци æмæ уым цæджджинаджы смидæг. Цæджджинаджы бын цъæх арт
судзы.
Тæвд æм нæма сæндæвта, афтæмæй цæм Уæрхæг дзуры:
– Кæд мæ фыцын ис уæ зæрды, уæд мын тагъддæр м' арммæ саджы
хом ысгуы авæрут.
Сгуы йæм авæрдтой. Уæрхæг сгуыйы кæроныл йæ ныхвæр асагъта,
æмæ йæ уыцыиу зыввытт нылласта.
Ныхвæр атахти 'мæ Нарты Уæрхтæнæджы риуыл сæмбæлд. Æркаст æм
Уæрхтæнæг, æмæ фæхъæркодта:
– Уохх, нæ лæг кæмдæр удисæн кæны!
Уæрхтæнæг Хурмæ адзырдта:
– Кæд мын æххуыскæныс, Нарты Хурзæрин, уæд мын зæгъ, Уæрхæг
чердыгæй ис?
Хуры 'рдæг фæсау и, æмæ сихорафон, фæталынг и бон.
Уæдæй баззади Хуры фæталынг. Хур чердыгæй фæталынг, Уæрхтæнæг
уыцырдæм йæхи аппæрста, æмæ та, Хур æнæхъæнæй кæм ракасти, уым
дзыхълæуд фæкодта. Ауыдта Азырты бæстæ, æмæ ныууасыди йæ уадындзæй.
Уадындзы хъæр Уæрхæг фехъуыста 'мæ ныззарыд. Зарæджы хъæрмæ
Уæрхтæнæг Азырты хæдзары смидæг и. Стыдта йæ сынæгæй дурынкъултæ,
æмæ тæвд агæй Уæрхæджы фелвæста.
– Цы кодтай уæдæ?
– Уымæй мæ ма фæрс, фæлæ мæ Азыртæ фæндæй æрсайдтой æмæ мæ
аджы хъуамæ сфыхтаиккой. Ныр цын ныббарæн нал и, сæ мыггаг цын
хъуамæ сыскъуынæм!
Дыууæ 'фсымæры кæрдтæ фелвæстой. Азыртыл ралæууыдысты, æмæ цæ
мыггаг нал ныууагътой. Быны саусæфт цæ фæкодтой. Стæй ратардтой,
фосæй, æндæрæй цæуыл фæхæст ысты, уыдон, æмæ цæ Нартæм
æртæлæткодтой. Нартæ цæ иумæ байуæрстой, сæ уæлдæйттæй та нæртон
куывд ыскодтой. Азырты бæстæ дæр сæхи баци.
Категория: Нарты кадджытæ | Добавил: tschkh (30.01.2010)
Просмотров: 284 | Комментарии: 1 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт
Поиск