Главная » Статьи » Литература » Нарты кадджытæ |
АЦЫРУХС КУЫД АМАРД
АЦЫРУХС КУЫД АМАРД Сослан Хуры чызг Ацырухсимæ царди. Иуахæмы Ацырухс мæлын æрымысыди, загъта Сосланæн: – Дæуæй зынаргъдæр мын а бæсты ничи и. Æмæ дын мæ цонгæй мæйдар æхсæвы дæ фæндаг рухс куы дарин. Сослан ницы загъта, фæлæ та сфæндкодта фосфæкæнынмæ фæцæуын. Æмæ бацыди Сослан Сатанамæ: – Не фсины афтæ фæнды, æмæ ма мæм йæ мæлæты размæ иу хатт мæйдарæхсæв куыд акæса. Æмæ мын фæндаг куыд амона йæ цонджы рухсæй. Æмæ кæм уыдзæн ахæм æнæхæрд бæстæ? – Нонырдыгæй Ногъа-Богъайы рæгъæуттæ хизынц. Цæст цыл не ххæссы... Фæлæ уырдæм бацæуын дæ къухы нæ бафтдзæн. Æмæ раздæхти Сослан Ацырухсмæ: – Цæуын Ноныбæстæм Ногъа-Богъайы рæгъæуттæ тæрынмæ. Къуырийы фæстæ дæм зындзынæн. Уæд æм Ацырухс дзуры: – Уый цы загътай! Æмæ уымæ бацæуæн куы нæ ис... – Нæй мын æдзæугæ. Ацырухс уый куы базыдта, уæд афтæ бакодта: – Уæд та дæ къахгæ кодтон? Æмæ фæлтау куы лæууис – æнцондæр мын уыдзæн. – Æнцондæр дын уыдзæни уый зонын. Фæлæ дын ноджы æнцондæр та уæд уыдзæни, æмæ мын дæ цонгæй мæйдар æхсæв куы рухскæнай фæндагыл, æмæ кæрæдзийы фендмæ куы бæллæм. – Уæдæ хъус зæгъгæ загъта Ацырухс. – Ды нал ныллæудзынæ, уый хатын æмæ дæ фæдзæхсын. Айс мæ сæрбæттæн, æмæ мыййаг, куы фæцæф уай уæд-иу дзы дæ цæф æрбабæтт. Æмæ дын дæ тых æртæ хатты фылдæр фæкæндзæн. Айс, æртæ азы дæргъы кæй фæцарæзтон, уыцы згъæр. Скæндзынæ йæ, æмæ дын дæ хъару æртæ хатты фылдæр фæкæндзæни. Айс мæ къухдарæн – бакæндзынæ йæ дæ кæстæр æнгуылдзыл, æмæ дæ ныфсыл æртæ ахæмы бафтдзæн. Сослан цæ райста, æмæ араст и Ноныбæстæм Ногъа-Богъайы рæгъæуттæ тæрынмæ. Бирæ фæцыди, стæй бахæддзæ Ноны зæхмæ – акасти, æмæ загъта йæхинымæр: "Гъе, æллæх, æллæх! Искуы ма бæстыл уыйбæрц фосрæгъæуттæ уыдзæни?" Акасти уæлвæзтæм, дæлвæзтæм, нæй цæ къух бакæнæн фосæй. Фосы алыварс зилынц æфсæндзых уырсытæ – никæй уадзынц. Дарддæр – æфсæндзых æрсытæ – ничи цæм уæнды. Уыйфæстæ – æфсæндзых домбæйттæ – уыдон дæр афтæ. Æрмæст сæ уындæй дæр ныккæрзы лæг, æмæ асæтты йæ хъару. Сослан куы бахæддзæ рæгъæуттæм, уæд ыл æфсæн уырсытæ сæхи рауагътой. Æмæ цæ цæгъдын систа. Баззади ма дзы æртæ 'фсæн уырсы, æмæ уыдонæй дæр дыууæйы амардта. Æртыггаг Сосланы цонгмæ куыд фæлæбурдта, афтæ йæ Сослан кардæй нырриуыгъта, æмæ бæхы сæр дыууæ дихæй фæхаудта. Фервæзти фыдбылызы уырсытæй Сослан. Йæ цæфцонгыл сæрбæттæн атыхта, æмæ æртывæр тых бацыди йе уæнгты. Æфсæндзых бæхты хъустæй фæйнæ слыгкодта, æмæ цæ йæ хæлцдоны ныппæрста. Уалынмæ йыл сæхи ныццавтой æфсæндзых æрсытæ, фæйнæрдыгæй йæм лæбурынц. Райдыдта та хæцын Сослан семæ. Бирæ дзы фæцагъта, фæлæ дзы иу æфсæндзых арс æрбабырста уæддæр Сосланмæ. Йæ зæнгыл ын фæхæцыди. Уæд йæ къухдарæн бакодта Сослан, æмæ йæ тых æртывæр ысси, æмæ цæ фæцагъта æрсыты сеппæты дæр. Уыйфæстæ Сосланыл сæхи ныццавтой æфсæндзых домбæйттæ. Сослан йæ уæлæ йæ усы лæвар ызгъæр ыскодта уæд, æмæ цæ басаста уыдоны дæр. Сæ хъустæ цын ыслыгкодта домбæйттæ 'мæ æрсытæн, æмæ цæ йæ хæлцдоны ныппæрста. Стæй уæтæртыл разылди, æмæ цæ йæ разæй ыскодта рæгъæутты. Фæндагыл цæ бафтыдта фосы. Цæуы, фæлæ дзуры йæхинымæр: "А фос тæрын, фæлæ мыл къæрныхы ном ма сбадæд..." Æмæ Ногъа-Богъайы фыййæуттæм дзуры Сослан: – Аздæхут, æмæ зæгъут Ногъа-Богъайæн: "Дæ рæгъæуттæ дын фæтардæуы!" – Нæ йæ бауырндзæни, – зæгъынц фыййæуттæ. Уæд Сослан йæ хæлцдонæй æфсæн уырсыты хъустæ фелвæста, æмæ цæ фыййæуттæй иуæн йæ къухы фæсагъта. Æфсæн æрсыты хъустæ иннæ фыййаумæ радта. Æмæ домбæйтты хъустæ – æртыггаг фыййаумæ. Уæд æфсæн уырсыты хъустæ кæмæ уыдысты, уый йæм бацыди Ногъа- Богъамæ: – Ногъа-Богъа, дæ рæгъæуттæ дын фæтардæуы! – Цы?!. – Дæ рæгъæуттæ дын фæтардæуы! – æмæ йæм æфсæн уырсыты хъустæ бавдыста. Ногъа-Богъа фыййауы сфæртласта, æмæ æмбонды сæрты атахти фыййау. Йæ син ныссасти, æмæ æрдиаггæнгæ ацыд сæхимæ. Уæд та йæм бацыди, æрсыты хъустæ чи хаста, уыцы фыййау, æмæ йæм дзуры: – Ногъа-Богъа, дæ рæгъæуттæ дын фæтардæуы! – Куыд? Уый цытæ уæндыс дзурын?.. – фæхъæрласта уыууыл дæр. – Дæ рæгъæуттæ дын фæтардæуы, – æмæ йæм æрсыты хъустæ бавдыста фыййау. Уый дæр та сфæртласта, æмæ йæ цонг асасти фыййауæн, сисрæбын куы 'рхауди, уæд. Кæугæ 'мæ дзыназгæ та 'рцыди сæхимæ уыцы фыййау дæр. Æртыггаг фыййау дæр æм бацыди 'мæ загъта: – Ам дæ, Ногъа-Богъа? – Ам! Уæдæ кæм хъуамæ уон? – Дæ рæгъæуттæ дын фæтардæуы! – Мæнг зæгъыс. Уыдонæн ахæм хъахъхъæнджытæ нæй! – Нæ зонын, акæс æм, – æмæ йæм æфсæндзых домбæйтты хъустæ бавдыста. Ногъа-Богъа уый дæр ныццæвынмæ хъавыди, фæлæ йæм йæ ус фæтагъддæр. – Фæлæу-ма, дæ рæгъæутты хъахъхъæнджыты хъустæ ам куы сты, уæд фыййæуттæ цы кодтой? Æртæ хатты дæм æрбадзырдтой, æмæ иу хатт уæддæр хъæуы бакæсын сæ коммæ. Уæд Ноны Ногъа-Богъа рагæпласта, йæ цæст сæрвæттыл ахаста, æмæ – нал уыны йæ рæгъæуттæ. Фæстæмæ фездæхти, æмæ йæ йæ ус фæрсы: – Цæй, куыд у? – Нал цыл хæцы мæ цæст мæ рæгъæуттыл. – Æмæ ды та фыййæуттыл дæ тых æвзарыс! Ногъа-Богъа йæ ставд-зæнг бæхыл абадти 'мæ расырдта Сосланы. Сослан Нарты зæхмæ 'рбаввахс и. Ацырухс та йæ цонг радардта, æмæ Сосланы фæндаг рухскодта. Уæдмæ йæ Ногъа-Богъа 'рбасырдта 'мæ хъæркæны: – Гъе, куыдзы фырт цыдæр! Ды кæй рæгъæуттæ тæрыс? – Куыдз дæр дæхæдæг, æмæ хæрæг дæр! – загъта Сослан. – Фæстæмæ аздæх, кæннод дыл туг уары! – Гъæ, сылваз Сослан! Ды лæг к' уаис, уæд мын дæ усы цонджы рухсмæ нæ тæрис мæ рæгъæуттæ! Къæрныхы хуызы мæм нæ цыдаис! Фæлæ-ма равдисæм нæ тыхтæ! Æмæ райдыдтой хæцын. Иу иннæмæн нæ бары. Ногъа-Богъа Сосланы куыд æрцæйцавта, афтæ Ацырухс йæ цонг амбæхста, бæстæ фæталынг, æмæ Ногъа-Богъайы цæф Сосланыл нал æруад. Сослан Ногъа-Богъайы зæрдæсæр бариуыгъта кардæй. Æмæ йæ йæ бæхæй бæргæ раппæрста... Фæлæ йын йæ фидис ыстыр маст ыскодта Сосланæн... Сослан æрбатардта рæгъæуттæ 'мæ сæхимæ бацыди. Дæ дзырд дын сæххæсткодтон зæгъгæ загъта Ацырухсæн. – Фæлæ ма ацы хатт фос фæкæнынмæ ку' ацæуон, уæд-иу мæм дæ цонг мауал радар! – Цæуылнæ? – афарста йæ Ацырухс. – Ногъа-Богъа мæ сылваз рахуыдта, дæ усы цонджы рухсмæ дам тæрыс ды искæй фос! – Ау, æмæ цы? – Куыд цы? Уый уый нысан кæны, æмæ цыма æз мæ усы дæлвæдджи бабырыддæн. – Нæ дæ 'мбарын, Сослан. – Куыннæ мæ 'мбарыс, цыма дæ фæрцы тæрын фос, æндæр мæ мæхи хъару нæ хæссы! Усæн хъыг уыдысты Сосланы ныхæстæ 'мæ зæрдæскъуыд фæци уыцы æхсæв. Боны йæ бавæрдтой Ацырухсы. Сослан ма бæргæ фæмасткодта, фæлæ чи 'рцæуы, уыууыл масткæнын хифхæрынæй хъауджыдæр нæу. Æмæ ферох и уыйфæстæ Ацырухсы мард дæр. | |
Просмотров: 378 | Комментарии: 1 | |
Всего комментариев: 0 | |